| БУЛКЪ ÆМÆ МЫД | |
| Ма худ аууонмæ æвзæрыл, | |
| Хорзы-иу йæ цуры бафау! | |
| Дунетæй хуыздæр куы фестай, | |
| Гъе, уæддæр дæхи уд ма стау! | |
| Хорз æфсин цы нæ хæринаг | |
| Авæрдзæн лæгæн йæ разы! — | |
| Уазæгæн йæ мæгуыр фынгæй | |
| Бирæ кад дæттын фæразы... | |
| Гъе, уæддæр нæ хæринæгтæ | |
| Алы ран сæхи ыстауынц, | |
| Загъдкæнынц, сæ кæрæдзийы | |
| Уазæджы цæстмæхъус фауынц. | |
| Физонæг ма, йе хæбизджын Дзурæд! — | |
| Уазæг дæр цæ буц у, | |
| Фæлæ задын, хомыс, бламыхъ, — | |
| Тайтма дæ хæрынц, — ныхъхъус у! | |
| Булкъæн та æппын цæсгом нæй! — | |
| Фаджысдон кæны къæбицæй, | |
| Судзы ком, уæддæр дын искæй | |
| Уадзы, цы, хуыздæр йæхицæй?!. | |
| Иу фынджы рагъыл та иу хатт | |
| Уый дæр та фæзынд кæцæйдæр!.. | |
| Уайтагъд та йæхи фæсфæдты | |
| Мыдмæ баластахæстæгдæр... | |
| — Оф, оф, уазæг, æз мыдимæ, — | |
| Загъта, — диссаг дæн, æрбалæу... | |
| — Гъе, смаггæнаг! — мыд фæмæсты. | |
| Ныр цы мæткæныс мæ бæсты, | |
| Æз хуыздæр куы дæн æнæ дæу!.. | |
Ирон ногӧн гижис
Хетæгкаты Къоста
Хетæгкаты Къоста
