| МÆГУЫРЫ ЗАРÆГ | |
| Адæмæн сæ рæсугъд уæттæ | |
| Хъармæй, райдзастæй лæууынц, | |
| Махæн та нæ сывæллæттæ | |
| Уазал лæгæты кæуынц... | |
| Адæмæн сæ чындзхонты хъазт | |
| Хæхтæ, къæдзæхтæ хæссы, | |
| Махæн та нæ гæдыйы уаст | |
| Мардыл кæуæгау хъуысы... | |
| Адæмæн сæ цæхджын фыдтæ | |
| Царæй фæныкмæ тæдзынц, | |
| Махмæ та хæлынбыттыртæ | |
| Цары ахсдæттæ кæнынц... | |
| Адæмæн сæ фæззæджы куыст | |
| Не 'ссы афæдзмæ куырой, | |
| Махæн та нæ афæдзы мызд – | |
| 'Гасæй иу хоры кæфой!.. | |
Ирон ногӧн гижис
Хетæгкаты Къоста
Хетæгкаты Къоста
