| ДОДОЙ | |
| Додой фæкæнат, мæ райгуырæн хæхтæ, | |
| Сау фæныкæй уæ куы фенин фæлтау! | |
| Зæй уæ фæласа, нæ тæрхонылæгтæ, – | |
| Иу ма уæ фезмæлæд искуы лæгау!.. | |
| Искæй зæрдæ уæ дзыназгæ нырризæд, | |
| Искæмæ бахъарæд адæмы хъыг, | |
| Дзыллæйы мæстæй уæ исчи фæриссæд, | |
| Иумæ уæ разынæд иу цæстысыг!.. | |
| Фидар рæхыстæй нын не уæнгтæ сбастой, | |
| Рухс кувæндæттæй хынджылæгкæнынц, | |
| Мард нын нæ уадзынц, нæ хæхтæ нын байстой, | |
| Стырæй, чысылæй нæ уистæй нæмынц... | |
| Иугай ныййыстæм, ныууагътам нæ бæстæ, | |
| Фос дæр ма афтæ ныппырхкæны сырд, – | |
| Фезмæл–ма, фезмæл, нæ фыййау, нæ фæстæ, | |
| Иумæ нæ рамбырдкæн, арфæйы дзырд!.. | |
| Оххай–гъе! Не знаг нæ былмæ фæтæры, – | |
| Кадмæ бæлгæйæ æгадæй мæлæм... | |
| Адæмы фарнæй къæдзæх дæр ныннæры, – | |
| Гъе, мардзæ, исчи! – бынтон сæфт кæнæм! | |
Ирон ногӧн гижис
Хетæгкаты Къоста
Хетæгкаты Къоста
