| МÆГУЫРЫ ЗÆРДÆ | |
| Зымæг нæ хæхты цух нæ уадзы, – | |
| Лæджы æмбæрц æруары мит; | |
| Æфцæгæй коммæ уад дзыназы; | |
| Их доныл саразы йæ хид. | |
| Æхсæвæн нæм кæрон нæ вæййы... | |
| Тæхудиаг кæм нæ у сæрд! | |
| Сæнар кæмæ нæй, уый ныссæйы, – | |
| Цырагъ нæм чи судзы фæсхæрд?!. | |
| Нæй кад мæгуыр лæгæн йæ куыстæн, – | |
| Йæ сихор, йе хсæвæр – йæ мæт; | |
| Иæ уат – ыскъæт, зыгуым – йæ лыстæн, | |
| Хъæбæр – йæ цъæх хуыссæн нымæт... | |
| Кæд рухс нæ баййафы йæ цардæй, | |
| Йæ бон кæд арвиты зынтæй, – | |
| Уæддæр нæ ныххуыссы æнкъардæй – | |
| Йæ зæрдæ хъал вæййы фынтæй. | |
Ирон ногӧн гижис
Хетæгкаты Къоста
Хетæгкаты Къоста
