| МАМ | СИДЗÆРГÆС |
| Йизьӧм кусттор вылын кырныш | Халон баргъæвст сындзыл. |
| Тірзьӧ-кынмӧ. Шувгӧ тӧв. | Уад тымыгъ хæссы... |
| Нар аул, код ставнас лымйын, | Сау айнæджы рындзыл |
| Гӧра костын узьӧ чӧв. | Нарыхъæу хуыссы... |
| Сӧмын ӧтка сакля пытшкын | Даргъ æхсæв фыдбонæй |
| Битор чусалыштӧ гӧрд. | Цардудæн хуыздæр... |
| Сійӧ битор вылас сэні | Рухс цæуы кæронæй, – |
| Булька кылӧ дзоля пӧрт. | Бадынц ма кæмдæр... |
| Иу зæронд ыскъæты, – | |
| 'Гас хъæуы уæлдай, | |
| Аззади фæсфæды | |
| Ацы бæстыхай, – | |
| Ма дис кæ йæ бадтыл! – | |
| Цуайнаджы уæлхъус | |
| Архайы йæ артыл | |
| Иу саударæг ус. | |
| Артдзæсты кæрæтты, | |
| Фæныкмæ æнгом | |
| Бадынц сывæллæттæ, – | |
| Чи бæгънæг, чи гом... | |
| Челядь лача кутіг тырйи | Уазал æмæ стонгæй |
| Видзӧдӧны - пуантор, | Бирæгъ дæр тæрсы, – |
| Налӧн петӧ курыд синва, | Удхæссæг æввонгæй |
| Чужӧмъясныс налӧн нор... | Ахæмты хæссы... |
| — «Дугдӧй бӧрдӧмсьыныд, челядь , | – Ма кæут, мæ хуртæ, – |
| Мамныд лӧньӧдыштас шог. | Дзуры цæм сæ мад, – |
| Коді терпитыштны вермас, | Афыцой хъæдуртæ... |
| Лоас сылы анькытш рок». | Абадут æнцад!.. |
| Муртса чусалыштӧ бипур, | Митæйдзаг æхсæлы |
| Лӧзов тшынсӧ лэдзигтыр. | Мары фæздæгæй... |
| Пӧртйӧ войтӧдаліг синва, | Цæстысыг ызгъæлы |
| Мамыс бӧрдӧ гусьӧн дыр. | Агмæ сусæгæй... |
| — Миян вердысьным тай муніс | Хъуырмæ схæддзæ хъарæг: |
| Гуысь батьныд оз во бӧр, | “Дудгæ фæбада |
| Витнанытӧ сійӧ колис | Зæйы бын нæ дарæг, |
| Ӧтнам вылӧ, сьӧлӧмшӧр... | Мах чи фæсайдта!.. |
| Фондзæй уæ ныууагъта | |
| Иу ныййарæгæн, – | |
| Мады зæрдæ скъахта, – | |
| Царæфтыд фæдæн!.. | |
| Зондæй мыл фæтых дæ, | |
| О, мæ лæджы хай, – | |
| Сидзæртæй фæлыгътæ | |
| Ингæнмæ тæргай!.. | |
| — О, тэ, верӧс, аслад смертьӧн | Буц хъæбул дæм дзуры, – |
| Вайин меным ыджыд пик, | Сфæлмæцыд йæ мад, – |
| Лӧсьӧд миянлы тшӧтш места: | Махæн дæр дæ цуры |
| Вынысь петі нин ме дзик... | Сцæттæ кæ бынат!” |
| Мамлӧн тшӧкыдджыка синва | Цæстысыг ызгъæлы |
| Пӧртйӧ войтыштлывлӧ пыр. | Агмæ сусæгæй... |
| Муртса чусалыштӧ бипур | Митæйдзаг æхсæлы |
| Лӧзов тшынсӧ лэдзигтыр... | Мары фæздæгæй... |
| Медся дзоляникыс, коньӧр, | Бафæллад кæуынæй |
| Мудзтӧдз виччысис пӧтлун, | Бинонты кæстæр, – |
| Ойбыртіс сэсся пач дорас — | Къонайыл æрфынæй |
| Сы арлыдӧ чӧскыд ун... | Адæмы хуыздæр! |
| «Тэ бӧрся и ставныс сідзжӧ | Иууылдæр дæ адыл |
| Унмовсясны, вунлас шог. | Тулдзысты, фæлæу! – |
| Унмыд кодӧс пӧ оз личкы, | Стонг æмæ фæлладыл |
| Кӧть и тшыглун абу вок... | Тых хуыссæг кæм нæу!.. |
| — Мамӧ, мый нӧ, кӧн сорваыд? | – О. гытци кæд уыдзæн? |
| Босьт би вывсьыд сійӧс вай... | Райс–ма, цæй, дæ аг!.. |
| «Нӧрӧвитлӧй, регыд пузяс, | – Абадут!.. Фæуыдзæн |
| Ставлы сета ассьыс пай». | Алкæй дæр йæ фаг... |
| Аг кæлы йæ былтæй, – | |
| “Хъæдуртæ” фыцынц... | |
| Алы ран тымбылтæй | |
| Сидзæртæ хуыссынц... | |
| Стонг æмæ кæуынæй | |
| Лæг куы сфæлмæцы, | |
| Тарф у уæд йæ фынæй, – | |
| Маст æм нал хъуысы. | |
| Но и найӧ унмовсисны, | Лыстæнмæ цæ хаста |
| Синва налӧн оз нин пет... | Мад йæ хъæбулты, |
| Мамныс корсьӧ лопотьторъяс, | Æдæрсгæ цæ нуæрста |
| Найӧс шебрӧдыштны мед. | Алы бызгъуырты... |
| И на кокъяс дорӧ сійӧ, | Скодта цæ рæбынæй, |
| Вынсьыс петӧм, пуксис мудз, | Дæлфæдтæм æрбадт... |
| И сиркурыд синва шорсӧ | Гъай–да–гъа! Кæуынæй |
| Кутны выныс эз нин судз... | Нал æфсæст сæ мад!.. |
| Пӧртъяс пусисны сэн... изъяс, | Сидзæртæн хъæдуртæ |
| Посни гальки пӧсьва сор — | Се 'хсæвæр хуыдта, |
| А челядь виччысьӧны вӧлі | Афтæмæй цын дуртæ |
| Мыйкӧ сэтысь сёянтор... | Цуайнаджы фыхта: |
| Унмовськӧдіс челядьяссӧ | Афыцын æфсоны |
| Мам, надея сетігтыр... | Байрох уа сæ хæрд... |
| Абу ӧмӧй олан ногыс | Стонг æмгъуыд нæ зоны, |
| Ставнас пӧръясьӧмӧн тыр? | Иу сайд ын æгъгъæд!.. |
Комиӧн гижис
Иван Вась
Иван Вась
Ирон ногӧн гижис
Хетæгкаты Къоста
Хетæгкаты Къоста
