БУЛКЪ ÆМÆ МЫД
Ма худ аууонмæ æвзæрыл, Хорзы-иу йæ цуры бафау! Дунетæй хуыздæр куы фестай, Гъе, уæддæр дæхи уд ма стау! Хорз æфсин цы нæ хæринаг Авæрдзæн лæгæн йæ разы! — Уазæгæн йæ мæгуыр фынгæй Бирæ кад дæттын фæразы... Гъе, уæддæр нæ хæринæгтæ Алы ран сæхи ыстауынц, Загъдкæнынц, сæ кæрæдзийы Уазæджы цæстмæхъус фауынц. Физонæг ма, йе хæбизджын Дзурæд! — Уазæг дæр цæ буц у, Фæлæ задын, хомыс, бламыхъ, — Тайтма дæ хæрынц, — ныхъхъус у! Булкъæн та æппын цæсгом нæй! — Фаджысдон кæны къæбицæй, Судзы ком, уæддæр дын искæй Уадзы, цы, хуыздæр йæхицæй?!. Иу фынджы рагъыл та иу хатт Уый дæр та фæзынд кæцæйдæр!.. Уайтагъд та йæхи фæсфæдты Мыдмæ баластахæстæгдæр... — Оф, оф, уазæг, æз мыдимæ, — Загъта, — диссаг дæн, æрбалæу... — Гъе, смаггæнаг! — мыд фæмæсты. Ныр цы мæткæныс мæ бæсты, Æз хуыздæр куы дæн æнæ дæу!..
Гижӧд
Булкъ æмæ мыд
Жанр: 
Комиӧн
Кушман да ма

lkejrlkelkrgner klrjnelknfrkl ekjnrjkenfrej

1