СИДЗÆРГÆС
Халон баргъæвст сындзыл. Уад тымыгъ хæссы... Сау айнæджы рындзыл Нарыхъæу хуыссы... Даргъ æхсæв фыдбонæй Цардудæн хуыздæр... Рухс цæуы кæронæй, – Бадынц ма кæмдæр... Иу зæронд ыскъæты, – 'Гас хъæуы уæлдай, Аззади фæсфæды Ацы бæстыхай, – Ма дис кæ йæ бадтыл! – Цуайнаджы уæлхъус Архайы йæ артыл Иу саударæг ус. Артдзæсты кæрæтты, Фæныкмæ æнгом Бадынц сывæллæттæ, – Чи бæгънæг, чи гом... Уазал æмæ стонгæй Бирæгъ дæр тæрсы, – Удхæссæг æввонгæй Ахæмты хæссы... – Ма кæут, мæ хуртæ, – Дзуры цæм сæ мад, – Афыцой хъæдуртæ... Абадут æнцад!.. Митæйдзаг æхсæлы Мары фæздæгæй... Цæстысыг ызгъæлы Агмæ сусæгæй... Хъуырмæ схæддзæ хъарæг: “Дудгæ фæбада Зæйы бын нæ дарæг, Мах чи фæсайдта!.. Фондзæй уæ ныууагъта Иу ныййарæгæн, – Мады зæрдæ скъахта, – Царæфтыд фæдæн!.. Зондæй мыл фæтых дæ, О, мæ лæджы хай, – Сидзæртæй фæлыгътæ Ингæнмæ тæргай!.. Буц хъæбул дæм дзуры, – Сфæлмæцыд йæ мад, – Махæн дæр дæ цуры Сцæттæ кæ бынат!” Цæстысыг ызгъæлы Агмæ сусæгæй... Митæйдзаг æхсæлы Мары фæздæгæй... Бафæллад кæуынæй Бинонты кæстæр, – Къонайыл æрфынæй Адæмы хуыздæр! Иууылдæр дæ адыл Тулдзысты, фæлæу! – Стонг æмæ фæлладыл Тых хуыссæг кæм нæу!.. – О. гытци кæд уыдзæн? Райс–ма, цæй, дæ аг!.. – Абадут!.. Фæуыдзæн Алкæй дæр йæ фаг... Аг кæлы йæ былтæй, – “Хъæдуртæ” фыцынц... Алы ран тымбылтæй Сидзæртæ хуыссынц... Стонг æмæ кæуынæй Лæг куы сфæлмæцы, Тарф у уæд йæ фынæй, – Маст æм нал хъуысы. Лыстæнмæ цæ хаста Мад йæ хъæбулты, Æдæрсгæ цæ нуæрста Алы бызгъуырты... Скодта цæ рæбынæй, Дæлфæдтæм æрбадт... Гъай–да–гъа! Кæуынæй Нал æфсæст сæ мад!.. Сидзæртæн хъæдуртæ Се 'хсæвæр хуыдта, Афтæмæй цын дуртæ Цуайнаджы фыхта: Афыцын æфсоны Байрох уа сæ хæрд... Стонг æмгъуыд нæ зоны, Иу сайд ын æгъгъæд!..
Гижӧд
Сидзӕргӕс
Жанр: 
Комиӧн
Мам

lkejrlkelkrgner klrjnelknfrkl ekjnrjkenfrej

1