ДОДОЙ
Додой фæкæнат, мæ райгуырæн хæхтæ, Сау фæныкæй уæ куы фенин фæлтау! Зæй уæ фæласа, нæ тæрхонылæгтæ, – Иу ма уæ фезмæлæд искуы лæгау!.. Искæй зæрдæ уæ дзыназгæ нырризæд, Искæмæ бахъарæд адæмы хъыг, Дзыллæйы мæстæй уæ исчи фæриссæд, Иумæ уæ разынæд иу цæстысыг!.. Фидар рæхыстæй нын не уæнгтæ сбастой, Рухс кувæндæттæй хынджылæгкæнынц, Мард нын нæ уадзынц, нæ хæхтæ нын байстой, Стырæй, чысылæй нæ уистæй нæмынц... Иугай ныййыстæм, ныууагътам нæ бæстæ, Фос дæр ма афтæ ныппырхкæны сырд, – Фезмæл–ма, фезмæл, нæ фыййау, нæ фæстæ, Иумæ нæ рамбырдкæн, арфæйы дзырд!.. Оххай–гъе! Не знаг нæ былмæ фæтæры, – Кадмæ бæлгæйæ æгадæй мæлæм... Адæмы фарнæй къæдзæх дæр ныннæры, – Гъе, мардзæ, исчи! – бынтон сæфт кæнæм!
Гижӧд
Додой
Жанр: 
Комиӧн
Шог

lkejrlkelkrgner klrjnelknfrkl ekjnrjkenfrej

1