МÆГУЫРЫ ЗÆРДÆ
Зымæг нæ хæхты цух нæ уадзы, – Лæджы æмбæрц æруары мит; Æфцæгæй коммæ уад дзыназы; Их доныл саразы йæ хид. Æхсæвæн нæм кæрон нæ вæййы... Тæхудиаг кæм нæ у сæрд! Сæнар кæмæ нæй, уый ныссæйы, – Цырагъ нæм чи судзы фæсхæрд?!. Нæй кад мæгуыр лæгæн йæ куыстæн, – Йæ сихор, йе хсæвæр – йæ мæт; Иæ уат – ыскъæт, зыгуым – йæ лыстæн, Хъæбæр – йæ цъæх хуыссæн нымæт... Кæд рухс нæ баййафы йæ цардæй, Йæ бон кæд арвиты зынтæй, – Уæддæр нæ ныххуыссы æнкъардæй – Йæ зæрдæ хъал вæййы фынтæй.
Гижӧд
Мæгуыры зæрдæ
Жанр: 
Комиӧн
Гӧльлӧн сьӧлӧм

lkejrlkelkrgner klrjnelknfrkl ekjnrjkenfrej

1